Цъунары хъæуы нывгæнджыты студи
Республикæ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Къостайы (Цъунары) хъæуы скъолайы уæвæг æвзонг нывгæнджыты студийыл цæугæ аз æххæст кæны 5 азы.
Йæ чысыл юбилеймæ студи бацыд иттæг хорз бæрæггæнæгтимæ.
Фидæны зындгонд нывгæнджытæн хъæуты уавæрты абон уæрæх фæндаг бакæныны хъуыды фæзынд Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Гæбæраты Георгимæ (Барисмæ).
Куыд фæзынд скъола – студи, цы авналæнтæ йын ис, йæ абон æмæ сомбоныл кæсут ЮОГУ ТВ –йы бацæттæгонд сæрмагонд алæвæрды.