ХИПУ-йы хæрæндон

Фæсивæды ахуыр-хъомыладон куысты алы æппæрццаг хъуыддагæн дæр ис нысаниуæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахуырдзау фæсивæдæн фыццаг радон у зонындзинæдтæм тырнын æмæ ахуырад райсын. Уый хыгъд ма хъуамæ сæрибар рæстæджы дæр архайой цымыдис сын цы æвзæрын кæны, царды уыцы фадгуыты архайын. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ алцæмæй дæр бирæбæрцæй ифтонг кæй сты, уый бæлвырд у. Стыр æхцондзинад ма сын æвзарын кæны сæ хæрæндон. Дзæнгæрæджы æхцон зæлтæ сæм куы рбайхъуысынц дæргъвæтиндæр улæфты рæстæджы, уæд сæ фылдæр хай сæ ных саразынц университеты хæрæндонмæ. Уырдыгæй у нæ радон æрмæг.
Back to Top