Рамоновойыхъæу æмæ Алагиры фæзминаг бинонтæ I Комæй-коммæ

Ирыстоны æрыгондæр хъæутæй иу - Рамоново. Чидæртæ йын йæ ном хъусгæ дæр нæма фæкодтой, стæй кæцы ран ис, уый дæр нæ зонынц. Афтæмæй та дзы фыццаг хæдзæрттæ самадтой 69 азы размæ. Цæрынц дзы абон дæр. Хъæуы лыггæнинаг фæрстытыл ныхас кæнæм нæ программæйы. Æрæфы районы хæхбæсты Доныфарсы сæрмæ цы æрдзон дур лæууы, уый бирæты тасы æфтауы. Æцæгæйдæр дзы цæрджытæн тæссаг у? Уый иртасæм не `рмæджы. Уымæй уæлдай ма ныхас кæнæм бинонты бинонтæ цы кæны, ууыл. Нæ уазджытæ - Алагирæй. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top