Борджнисы этнохъæумæ сæрмагонд проектты фæлгæтты фæуазæг сты 20 адæймаджы Уæрæсейы хицæн горæттæй.

Проект «Аланийы бæстæ гом кæнгæйæ»-йы фæлгæтты Дзауы районы Борджнисы хъæуы этнохъæумæ æрцыдысты туристтæ Уæрæсе æмæ Казахстанæй. Уыдон нæ республикæмæ æрцыдысты гастрономион тур «Хæрзад Алани» - йы фæлгæтты. Борджнисы уазджытæн бацæттæгонд æрцыд уæрæх æмæ цымыдисон программа. Равдыстой сын рагонд ирон мигæнæтæ, ирон адæмон инструменттыл цæгъдын куыд хъæуы, уый. Сайт ГТРК «Ир» -
Back to Top