Равдыст Без срока давности, згъг, абон байгом Национ музейы
️ Равдыст “Без срока давности“, зæгъгæ, абон байгом Национ музейы.
Равæрдтой дзы немыцаг фашисттæ Советон Цæдисы ахст зæххыты цы æбуалгъ митæ æмæ геноцид арæзтой, уыдоны æвдисæнтæ. Тугдзых æфсады бæрны уыд Цæгат Ирыстон дæр.
Нацисттæ æмæ сæ фарс хæцджыты фыдракæндты къамтæ æмæ архивон документтимæ базонгæ сты нæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ. Алы стендыл дæр бæстонæй æвдыст цæуы цы знаггад хастой немыцаг фашисттæ, уый.
Сæ фыдмитæй хъыгдард баййæфтой 85 милуан сабыр цæрæджы. Амардтой дзы 13 милуан адæймагй фылдæр. 5 милуанæй фылдæр атардтой Германимæ тыхыбын куыст кæнынмæ. Уыдонæй 2 милуан адæймаджы амардысты æцæгæлон бæстæйы.
Ацы равдыст Уæрæсейы хуссары регионтæй фыццаг æрфысым кодта Цæгат Ирыстоны. Ахæссдзæн 7-æм июльмæ.
Подписывайтесь на irystonTV
Source: IrystonTV