Хæтæлдоны Хестанты æхсæз æфсымæры номыл ныссагътой тæрс бæласы 6 мин талайы

Хæтæлдоны Хестанты æхсæз æфсымæры номыл ныссагътой тæрс бæласы 6 мин талайы. Батырбег, Гацыр, Зурап, Саипп, Мурат æмæ Хадзымурат хъæбатырæй фæмардысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй бæлæстæ самал кодтой Кировы хъæды хæдзарад æмæ куыстуат «АланияЛес». Акци «Сад памяти» республикæйы ахæсдзæн 29-æм апрелы онг. Уыцы рæстæгмæ ныссадздзысты 34 мин бæласы. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top