Йесо æмæ самариаг сылгоймаг. Беседа Иисуса Христа с самарянкой (на осетинском языке).
Йӕ фӕндаг уыди Самарийыл. Ӕмӕ, Йаков йӕ фырт Йосефӕн цы зӕххы хай радта, уымӕ хӕстӕг, Сихар, зӕгъгӕ, уыцы самариаг сахармӕ бацыди. Уым уыди Йаковы цъай. Йесо фӕндагыл бафӕллад ӕмӕ цъайы цур ӕрбадти. Уыдис ӕмбисбонмӕ ӕввахс.
Дон хӕссынмӕ ӕрбацыди иу самариаг сылгоймаг. Йесо йӕм дзуры: «Дон-ма Мын авӕр». Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та уыцы рӕстӕг сахармӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ацыдысты. Самариаг сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ды иудейаг куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» (Афтӕ та уымӕн загъта, ӕмӕ иудейӕгтӕ самариӕгтыл не ’рвӕссынц.)b Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».
Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, цъай арф у, Дӕумӕ та ӕгӕрыстӕмӕй, дон цӕмӕй сисай, уый дӕр куы нӕй, уӕд Дӕм царддӕттӕг дон кӕцӕй ис? Ацы цъай нын нӕ фыдӕл Йаков ныууагъта. Йӕхӕдӕг дӕр дзы нуӕзта, стӕй йӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр. Ау, Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ?» Йесо йын дзуапп радта: «Ацы донӕй чидӕриддӕр нуазы, уый ногӕй сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон». Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, ратт мын уыцы донӕй, цӕмӕй дойны ма кӕнон ӕмӕ ардӕм дон хӕссынмӕ мауал цӕуон».
Йесо йын зӕгъы: «Ацу, дӕ моймӕ фӕдзур ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕх». Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «Моймӕдзыд нӕ дӕн». Йесо йын загъта: «„Моймӕдзыд нӕ дӕн“ кӕй зӕгъыс, уымӕй раст дӕ. Уыди дын фондз лӕджы, ӕмӕ, ныртӕккӕ кӕимӕ цӕрыс, уый дӕр дӕ мой нӕу. Уымӕй раст загътай».
Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ме ’лдар, ӕз уынын, Ды пехуымпар кӕй дӕ, уый. Нӕ фыдӕлтӕ ацы хохыл куывтой Хуыцаумӕ, сымах та, иудейӕгтӕ, афтӕ зӕгъут, кувын кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынат Йерусалимы ис, зӕгъгӕ». Йесо та йӕм дзуры: «Баууӕнд Мыл, сылгоймаг, ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ нӕдӕр ацы хохыл кувдзыстут, нӕдӕр Йерусалимы. Сымах, самариӕгтӕ, кӕмӕ кувут, уый уӕхӕдӕг дӕр нӕ зонут. Мах та Кӕмӕ кувӕм, уый зонӕм, уымӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад иудейӕгтӕй цӕуы. Фӕлӕ ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувджытӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ кувдзысты Ӕцӕгады Удӕй разӕнгардӕй, уымӕн ӕмӕ Фыд Йӕхицӕн ахӕм кувджыты агуры. Хуыцау у Уд, ӕмӕ Йӕм чи кувы, уыдон Ӕм хъуамӕ кувой Удӕй разӕнгардӕй ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ».
Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ӕз ӕй зонын, Мессиаe, ома, Чырысти кӕй хонынц, Уый кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, куы ’рцӕуа, уӕд нын алцыдӕр бацамондзӕн». Йесо йын загъта: «Уый Ӕз дӕн, демӕ ныхасгӕнӕг».
#Фӕдзӕхстытӕ #Осетия #Алания #осетинский #осетин #Владикавказ #дзӕнгӕрӕг #Цхинвал #осети #осетинскиепесни #регион15 #ирончындз #иронагъдау #дзуар #православие