ТАУАСИТИ ФАЦБАЙ

Рохситауæг, зундамонæг, гъомбæлгæнæг, фарнæ æма кади туруса хæссæг. Никки ма берæ хуарз дзурдтæ исфедауиуонцæ аци адæмæн уарзон лæгбæл. Бæрзонд, бæзæрхуг лæг адтæй Тауасити Фацбай. Гъæуунги-еу ку æрцæйцæуидæ, уæд айдагъ æ бакастæй дæр нифс лæвæрдта, ке ибæл æмбæлдтæй, уонæн. Æ дзурд – уездон. Кафæндуй æ цæмæйфæндидæр ку фæрсидæ, силгоймагæй, нæлгоймагæй, алкæмæ дæр игъуста лæмбунæг, алкæмæн дæр лæвæрдта æнхæст æма æмбæлон дзуæппитæ. Дзурддзæугæ лæги хъæбæр ахид агоридæ гъæуи цæргутæ алли гъуддаги дæр.
Back to Top