2024 азы республикйы медицинон кусндтты сврдтой ног техникйы 32 иуджы

Республикæйы клиникон рынчындоны тугдадзинты центры КТ-аппарат сæвæрдтой хæрзæрæджы. Сæ ног гæнæнтимæ дохтыртæ зонгæ кæнын райдыдтой. Ныр сын фылдæр адæмæн баххуыс кæныны фадат ис. 120-æн сменæмæ. Нырыккон компьютерон томограф, йæ аргъ 58 млн сомы, кæны бæлвырд иртæстытæ сæры магъз æмæ зæрдæйæн. Рынчындоны нырыккон мигæнæнтæ æнæмæнг сты. Уæлдайдæр та, коронавирусы пандемийы фæстæ. Уæд ифтонггæрзтыл стыр уæз цыд. Фарстайыл кусынц къæпхæнгай. Хæрзхъæд медтехникæ балхæнынц æрвылаз. Зæгъæм, ацы МРТ сæвæрдтой дыууæ азы размæ. Цы агъуысты ис, уый дæр сцалцæг кодтой. Сæ ног гæнæнтыл дохтыртæ абон дæр цин кæнынц. Ног программæтæ дæр медицинон лæггæдты номхыгъд фæфылдæр кодтой. Зæгъæн ис, æмæ буары алы миллиметр дæр басгарынц. Суткæмæ аппараты ’руаджы æркæсынц 20 адæймагмæ. Афæдзмæ пациентты нымæц схизы 6 мины онг. Ног МРТтæ ныр ис Мæздæджы, Алагиры æмæ Рахизфарсы районы. Æдæппæтæй ацы аз республикæйы медицинон кусæндæттæ райстой нырыккон мигæнæнты 32 иуæджы. Иннæ аз, “Æнæниздзинадхъахъхъæнынады“ национ проектмæ гæсгæ, материалон-техникон бындур дарддæр ног кæндзысты.
Back to Top