Джиоты Людæ I Цы сусæг кæныс
Иуæй-иу хатт цæуыл ахъуыды кæнын. Цымæ истори æмæ ныры дуг куыд баиу кæнæн ис? Йæ фыдæлты æгъдæутты æмæ традициты рæсугъддзинад ныры фæлтæртæн чи амоны æмæ сæ чи парахат кæны?
Æргомæй йæ зæгъæм, нæ алыварс куы акæсæм, уæд – ис. Зæгъæм фольклорон ансамбльтæ. Уæлдай æхсызгон та мын уый у æмæ ахæм къордты баиу вæййынц алы фæлтæрты минæвæрттæ. Æрбангом та сæ кæны сæ адæммæ, культурæмæ æмæ ирон æгъдæуттæм уарзондзинад.
Фольклорон ансамбль «Сатана» хъуыстгонд у. Уыимæ канд республикæйы нæ. Æнæзонгæ нæу йæ аивадон разамонæг Джиоты Людмилæ дæр. Цæй уæдæ æмæ абон йемæ хæстæгдæр базонгæ уæм. Цымæ йæм исты сусæгдзинæдтæ ис?
_________________________
Мы рядом в: