Джусойты Нафи «Фыдæлты туг» I Судзаг æвзаг
Джусойты Нафийы «Фыдæлты туг» авторы æнтыстджындæр куыстыты номхыгъды ис. Дзаджджын у цымыдисаг дзырдтæй. Иу-цалдӕр дзы æвзарæм.
Чиныг равгæнӕн ис электронон чиныгуат «Бæрзæфцæг»-æй:
*ТАРО: «Æмпъузынц бинонты бызгъуыртæ, сгарынц хæндыджы æвæринаг цыхтытæ тарæйттыл»
*РАВГ: «Цыдæр æбæрæг равг рауай-бауай кæны æгæрон цъæх малы»
*ХЪЫРГЪЫ: «Фæтых мыл дæ, Хъыргъы!»
*РАЗВÆЛГЪАУ: «Æрмæст æй развæлгъау зæгъын»
*ÆХХÆЛЫН: «Хъырымы джихæй лæугæ куы ауыдта, уæд уыйæрдæм феххæлд»
*БЫГЪДУАН: «Дзурыны фадат — мæ быгъдуан»
*ХЪАУДЖЫ: «Нæ йæ зоныс, сывæллæттимæ сывæллонæй хъауджыдæр нæу»
*ЛÆХЪУЫН: «Цæй, ныр дæм цы хабæрттæ ис, лæхъуын, æппын ус дæр нæма курыс»
*МАММ: «Уæууа, уæдæй нырмæ дын æй фефхæрдтон, ме ’дылыйæ дын æй смамм кодтон»
*КЪУЫРЫНЦХЫ: «Къуырынцхы сау-сауид дардта»
_________________________
Мы рядом в: