Уæллаг Ходы дзуæрттæ I Фыдæлты уæзæгмæ
Ирыстоны рагондæр æмæ цымыдисагдæр хъæутæй иу у Уæллаг Ход. 15-æм æнусы фæстæ дзы алы заманты цардысты Хъайтыхътæ, Едзитæ, Дзугкойтæ, Тедетæ, Гатетæ, Саухалтæ, Созайтæ, Гергитæ, Бадритæ æмæ Тедтойтæ.
Рæстæг цыди, цард ивта æмæ алы ахоссæгты тыххæй хъæу æдзæрæгæй баззад. Йæ 14 дзуары бынæттæм сæ фылдæрмæ цæуæг нал уыд. Цæмæй фидæны фæлтæрæй уыцы бынæттæ ма ферох уой, уый тыххæй сыл зæрдиагæй бакуыста Ходæй ралидзæг Едзиты Андрей.
00:00 Програмæйы сæр
00:40 Разныхас. Уæллаг Ходы историйы тыххæй
03:42 Уæллаг Ходы кувæндæттæ сног кæныныл куыд райдыдта кусын Едзиты Андрей
04:41 Цал дзуары уыдис Уæллаг Ходы æмæ сæм куыд куывтой
05:05 Елиаты кувæндон
06:32 Галæгонмæ куыд куывтой
07:15 Кувæндæттæ куыд арæзт цыдысты
08:33 Дзуармæ цæуыны æгъдау
11:33 Зымы таурæгъ
12:20 Алардыйы кувæндон
13:19 Иры хæхты бардуаджы таурæгъ
14:20 Тхосты дзуары таурæгъ æмæ йемæ баст хабæрттæ
17:58 Тæтæртуппы дзуары таурæгъ
19:14 Сауыкомы зæдтæ æмæ дауджытæ
20:50 Мады Майрæмы дзуар
25:49 Уастырджийы кувæндон Ходы æфцæгыл
26:57 Рагон хъæу сафтид, фæлæ нæй рох кæнæн ам фыдæлтæ куыд куывтой, уый
27:14 Едзиты Андрей кувы Тхосты Дзуары раз
32:27 Фæсныхас
_________________________
Мы рядом в: