Хæдзары бадут | Дуг. Цаутæ. Адæм
Абон у 1-æм апрель. Кæд иу иннæ азты ацы бон хъæлдзæгдзинады боныл нымад уыд, уæд ацы аз бирæты тасы бафтыдта.
Æхсæвы Цæгат Ирыстоны COVID-19 рабæрæг кодтой 2 адæймагмæ.
Иуæй иу агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ сты æрыгон нæлгоймаг æмæ ныццыл сывæллон. Ссыдысты Мæскуыйæ.
Абонæй фстæмæ республикæйы сфидар кодтой «самоизоляци»-йы фæтк. Уый тыххæй уынаффæ бафыста республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
Короновирусыл ныхас кæндзыстæм мах дæр.
_
Мы рядом в: