Гæздæнты Милæ #Цы сусæг кæныс
Тæхуды, дæ мады фæлмæн хъæбысы бадынæй бафсæд. Дæ фыды фен æмæ йæм кæсынæй, йемæ ныхас кæнынæй дæ мондæгтæ суадз. Мад-фыд кæмæн нæй, уыдонæн ацы ныхæстæ хуымæтæджы дзырдбаст не сты. Уæдæ йæ гыццылæй сидзæрæй чи баззад, йæ фыды уынгæ дæр ни нæ фæкодта, уый цавæр зæрдæимæ цæры. Гæздæнты 7 æфсымæры тыххæй не республикæйы æмæ Уæрæсейы чи нæ зоны, ахæм адæймаг стæм ис. Хæдзары дзаг бинонтæй, цотæн баззад иунæг сывæллон. Дзæрæхмæты чызг - Милæ.
_
Мы рядом в: