Чочиты Батрадз I Æрмадз

Адæймаг фæцæры фондзыссадз азы æмæ йæ дæргъвæтин царды фондз хъуыддаджы нæ саразы. Фæлæ нæ равдысты хъайтар Чочиты Батрадзæй уый зæгъæн нæй. Къорд азы фæкуыста фæндырдзæгъдæгæй Цæгат Ирыстоны Паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы. Уый нæ, фæлæ ма йæ дæсны фæндырдзагъдæй бирæтæн сæ зæрдæты циндзинад райгуырын кæны. Абон цы куыст кæны, уыимæ та нæ зонгæ кæны йæ æрмадзы. 00:00 Программæйы сæр. 00:47 Чочиты Батрадз дзуры йæхи тыххæй. 01:21 Фæндыртæ аразын куыд райдыдта, уый тыххæй. 04:09 Музыкалон инструмент саразынæн цавæр кусæнгæрзтæ хъæуы, уый тыххæй. 05:14 Фæндыры хъæлæстæ цæмæй арæзт цæуынц? 07:37 Батрадз дзуры, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы фæндырдзæгъджытимæ куыд фембæлд, уый тыххæй. 15:13 Батрадз фæндырæй цæгъдын кæд æмæ куыд сахуыр? 18:24 Сфæлдыстадон адæймаджы æрмадзы сусæгдзинæдтæ. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top