Цыппурс Ног аз Ногбон
Адӕмы базонын дӕ фӕнды, уӕд сын, фыццаджы –
фыццагдӕр базон се гъдӕуттӕ, сӕ бӕрӕгбӕттӕ...
Ногбон ӕхсӕв иу сылгоймӕгтӕ хыссӕйӕ скодтой басылтӕ, дедатӕ дӕр ма сӕ хонынц – адӕмы, фосы, сырдты хуызӕттӕ. Бинонтӕй иу алкӕмӕн дӕр скодтой йӕ номыл деда - хӕдзары хицау, ӕфсин, сӕ цот, алкӕмӕн дӕр иу дзы ном радтой.
Сывӕллӕттӕн иу уӕлдай ӕхсызгондзинад хаста сӕхи къухтӕй дедатӕ аразын хыссӕйӕ.