Кæрдзын. Комæй-коммæ
Ацы хъæуы иуфарсырдыгæй цæуы, Пятигорск, Налцыкк, Дзæуджыхъæу, Назрань, Грозна æмæ Махачкала чи иу кæны, уыцы фæндаг. Уымæй уæлдай дзы ацæуæн ис Æрыдонмæ, Алагирмæ æмæ Хуссар Ирыстонмæ. Хъæуы уылты ма цæуы æфсæнвæндаг дæр. Бирæ фæндæгтæ дзы балхынц сты, бирæ алыхуызон транспорт згъоры йæ рæзты, фæлæ дзы æндæр ранмæ сæ бон ацæуын нæ вæййы бынæттон цæрджытæн. Уæдæ абон дзурæм Кировы районы хуссарварс хъæу Кæрдзыныл.
_
Мы рядом в: