Æнæниздзинад хъыгдард кæмæн у уыдоны хсæн уыдис спартакиада
Дзæуджыхъæуы цыдис, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн, ахæм фæсивæды спартакиадæ. Нæ республикæйы алы районтæй дзы архайдта 27 командæйы. Ерыс кодтой алы къордты сæ кармæ гæсгæ. Спартакиадæ саразыныл зæрдиагæй бакуыстой фæллой æмæ социалон рæзты министрад, физикон культурæ æмæ спорты министрад, стæй Дзæуджыхъæуы Терчыфале зылды социалон лæггæдты центр. Фæсивæд сæ архæстдзинад æвдыстой рог атлетикæйæ, шашкæтæй æмæ пуртийæ хъазынæй, коляскæтæй дугъы æмæ спорты æндæр хуызты. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой кады гæххæтытæй, майдантæ æмæ кубоктæй. Спартакиадæ байгом кæныны мадзалы ма архайдтой республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, спорт æмæ физкультурæйы министры хæстæ