Цæгæраты Сосланы хæзнатæ I Заманæй

Иу дзаумайы истори канд иу адæймаджы хъысмæтимæ баст нæ вæййы, фæлæ ма хатгай свæййы æнусон царды æвдисæн. Уый иу фæлтæрæй иннæмæ хæссы фыдæлты фарн, сæ культурæ. Цыбыр ныхасæй, æгомыг, фæлæ дзурынмондаг. Раст ахæм дзаумæттæ фыдæй-фыртмæ хъахъхъæнынц Цæгæраты Сосланы бинонтæ. Цы сты, уый та базондзыстут равдыст «Заманæй»-йæ. 00:00 – Программæйы сæр; 00:15 - Рагзамантæй баззайгæ дзаумæтты ахадындзинады тыххæй; 01:00 – Цæгæраты Сосланы фыды фыды фыд Елдзайæ цы скъапп баззад, уый тыххæй: чи йæ сарæзта æмæ дзы цы кинонывы спайда кодтой; 03:05 – Скъаппы нывæфтыдтæ цы нысан кæнынц, уый тыххæй; 06:50 – Рагон даргъ къæлæтджыны тыххæй; 09:00 – Сослан йæхи къухæй цы скъапп сарæзта, уый тыххæй. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top