Адӕмы сфӕлдыстад – адӕмы хӕзна. Батайы фырттæ
Нæ фыдæлтæ сæ сæрмæ нæ хастой æгады цард æмæ тохы быдыры уа, æви лæгæй-лæгмæ хæсты, знаджы раз нæ цудыдтой: гæнæн-иу куы нал уыд , уæд та-иу æгады бæсты равзæрстой мæлæт. Мæлæт, æрмæст кадимæ. Цагъардзинад сæ сæрмæ чи не рхаста æмæ хъæздгуытæм йæ къух чи систа, ахæм æхсарджын, сæрæн лæппутыл нымад уыдысты Алыккаты Бæтæйы фырттæ. Номылусы цот уыдысты, æмæ ахæмтæн та хæхбæсты зын цæрæн уыд. Уыцы дуджы Хъобангом уыд уæздæтты къухы. Уыдон сæхи хуыдтой Хъобаны бындурæвæрджытæ. Æфсымæртæ Аслæмбег æмæ Будзи уæздæт