Балц Фаллаг коммæ I Фыдæлты уæзæгмæ
Абон уæ хонæм балцы Фаллаг коммæ. Хуыцауы Дзуары кадджын бæрæгбонмæ. Фаллаг ком ис Захъа æмæ Гуыркъуымты кæмтты `хсæн, Джинатгомы бакомкоммæ. Хуыцауы Дзуары равзæрдимæ цы таурæгъ баст ис, уый дзурæг у, ацы зæххытыл незамантæй фæстæмæ ирон адæмы рагон фыдæлтæ кæй цардысты, ууыл. Фаллаг комы цыппар мыггаджы абон дæр æмвæнд æмæ æмдзырд сты. Уымæн æвдисæн у, сæ рагон дзуæрттæн кад кæй кæнынц, уый.
_________________________
Мы рядом в: