Зындгонд францусаг мифолог æмæ лингвисты хæрæфырт Пьер Луи Кюрье ссыд Цæгат Ирыстонмæ
Зындгонд францусаг мифолог æмæ лингвисты хæрæфырт ссыд Цæгат Ирыстонмæ. Фæндыд æй ирон адæмы традицитæ æмæ культурæ бæстондæр базонын. Пьер Луи Кюрье у Жорж Дюмизелы чызджы фырт. Уый Цæгат Ирыстоны ис цыппæрæм бон. Суазæг æй кодтой Цæгат Ирыстоны наукон иртасæн институты. Уым фембæлд ахуыргæндтимæ.
Уымæй уæлдай ма бабæрæг кодта 45-æм гимназ дæр. Уый хæссы Жорж Дюмизелы ном. Пьер Луи КюрьЕйæн у æхсызгон, йæ мады фыдæн ын Цæгат Ирыстоны ахæм стыргъ аргъ кæй кæнынц, уый. Знон та уазæг национ чиныгдоны фембæлд