Дмитрий Лехтеров I Не взаг сæ хæзна
Лехтеровты бинонты Елхоты уырыссæгтыл ничи нымайы. Хонгæ дæр сæ кæнынц иронау - Лехтертæ, зæгъгæ. Ирон æвзагмæ уарзондзинад, æвæццæгæн, сæ туджы ис. Хæссынц æй фыдæй-фыртмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Сæ бинонты хистæр Николай Лехтеров йæ рæстæджы уыдис нæ республикæйы раззагдæр механизатортæй иу. Ныртæккæ кусы Елхоты бирæхайадон колледжы. Йæ фырты фырт Димæ та уыцы колледжы ахуыр кæны ирвæзынгæнæгыл. У фæсивæдон Парламенты депутат. Уарзы нын не ‘взаг æмæ, йæхи загъдау, ирондзинад размæ хæссы.
00:00 - Равдысты сæр
01:20 - Дмитрий Лехтеров: “Елхоты нæ уырыссæгтыл ничи нымайы. Нæхи дæр айрох вæййы, ирæттæ кæй не стæм, уый“;
02:43 - Сахалины цæргæйæ, чысыл Димæ иронау дзурын куыд райдыдта, уый тыххæй;
07:47 - Елхоты колледжы Дмитрий ирвæзынгæнæджы дæсныйад цæмæ гæсгæ равзæрста, уый тыххæй;
10:40 - Фидæны хорз специалист суæвыныл Дмитрий куыд архайы, уый тыххæй;
12:07 Бигъаты Жаннæ: “Дмитрий Лехтеров у нæ колледжы хуыздæр ахуырдзаутæй иу. Нæ республикæйы фæсивæдон парламентмæ дæр æй хуымæтæджы нæ равзæрстой“;
19:42 - Дмитрий Лехтеров: “Кæд мæн, уырыссаг лæппуйы, ирон æвзаг хъæуы, уæд ирæтты хъуамæ куыннæ хъæуа?“
_________________________
Мы рядом в: