Сиукъаты Никъала I Судзаг æвзаг
Стъалыджын арвмæ нымдзаст уæвгæйæ адæймаг раст цыма сагъдау аззайы, афтæ вæййы. Фæлæ йе ’муд куы æрцæуа, уæд уæлæрвты тыххæй цавæр æвзагыл дзурдзæн? Сиукъаты Никъала астрономийы дæсныйадыл ныффыста чиныг «Дун-дуне нæ алфамблай». Уый руаджы ирон æвзаг космосмæ дæр авнæлдта.
Чиныг ис равгæнæн электронон библиотекæ «Бæрцæфцæг»-æй мæнæ ацы æрвитæнмæ гæсгæ:
*ÆФТУАН: «14-æм сæр æфтуангонд у…»
*СÆМÆН: «Уыцы хахх (АВ) хонынц эллипсы стыр сæмæн»
*БУАРГЪÆД: «Исты æнцон судзæн буаргъæд куы уа, уæд уый ссудздзæн»
*ТАГЪДАД: «Уыдзæн йæ райдианы тагъдадæй аразгæ»
*ДЫРЫСАД: «Дырысадмæ гæсгæ уыдысты тынг раппæлинаг»
*УÆРХАД: «Объектæн йæ географион координаттæ: уæрхад æмæ дæргъад»
*ТÆЛМ: «Хизæм иу тæлмæй иннæмæ»
*ÆНГОМАД: «Уæлдæфы æнгомад уыцы-иу бынаты куы фæтынг вæййы…»
*ÆВÆРЦЦÆГ: «Æрдзы ис дыууæхуызон электрады; æвæрццæг æмæ æппæрццæг электрадтæ»
*ХИАД: «Атомон уæз Менделеев райста сæйрагдæр хиадæн»
_________________________
Мы рядом в:
youtub