Хабæрттæ // 2021 / 29 декабря
Республикæйы сæргълæууæг бацархайдта «Ёлка желаний» зæгъгæ хæрзаудæн акцийы. Регионы разамонæг сæххæст кæндзæн æртæ сывæллон бæллицы.
Дигорайы кæронмæ æрхæццæ кæны поликлиникæйы бындурон рацарæзт. Бæстыхайы сæр баивтой, сæвæрдтой ног дуæрттæ, рудзгуытæ æмæ коммуникацитæ. Хъæуы ма йæ хъæугæ кусæнгарзæй сифтонг кæнын.
Хъæлдзæг зæрдæйы ахаст æмæ лæвæрттæ. Республикæйы æххуысцух бинонты сывæллæттæ федтой сæ уарзон спектакльтæ. Ахæм лæвар сын скодтой ирон театры артисттæ.
_________________________
Мы рядом в: