Хетæджы дзуары бæрæгбоны æдасдзинады мадзæлттыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды

Хетæджы Дзуары бæрæгбоны фæдыл æдасдзинады фарстатыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды. Архайдтой дзы республикæйы мидхъуыддæгты министрады, Уæрæсейы Гвардийы, Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ. Пъæлицæйы булкъон Сабанаты Альберт куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны Хетæджы Дзуары бæрæгбон æппæты ахсджиагдæртæй иу у. Уый тыххæй хъæуы æдасдзинады æмбæлгæ домæнтæ сæххæстæ кæнын Кувæндоны. Профилон ведомствæты хъæуы иумæйаг мадзæлттæ аразын, цæмæй бæрæгбон барадхæлдтытæ ма
Back to Top