Хетæджы Уастырджийы бон Алагиры бæрæг кодтой æнæхъæн сыхæй

Сусæны мæйы кадджындæр бон сæ сыхы сбæрæг кодтой Алагиры, Энергетикты кварталы цæрджытæ дæр. Сарæзтой дзы ирон хъазт, сабитæ дзы кастысты æмдзæвгæтæ, хъуыстысты дзы бæрæгбоны зарджытæ. Мысайнæгтæ сæмбырд кодтой хицæн мигæнæны, цæмæй сæ сыхы æвзæрст минæвæрттæ фæхæццæ кæной зæдбадæнмæ. Уæвгæ канд Ирыстоны нæ, фæлæ ирон адæймаг кæм цæры, уыдонæй алы ран дæр скуывтой æртыгай чъиритæ. Куырдтой Хуыцауæй сабырдзинад æмæ фæрнджын цард. Афтæ, фæлтæрæй - фæлтæрмæ, хистæрæй - кæстæрмæ, нæ рагфыдæлты `гъдæуттæ абон д
Back to Top