ХИПУ-йы ирон филологи, райдиан ахуырад, методикæ æмæ педагогикæйы факультет
ХИПУ-йы ирон филологи, райдиан ахуырад, методикæ æмæ педагогикæйы деканат егъау æмæ ахадгæ архайд кæны фæсивæды ахуыр-хъомыладон фадыджы. Факультеты ахуыргæнджытæ сæ хъомылгæнджыты зæрдæты æвæрынц уарзондзинад мадæлон æвзаг æмæ литературæмæ, ирон адæмы разахтадæр минæвæртты уаз бынтæ ахуыр кæнын, национ къультурæ, традицитæ, сомбоны профессимæ. Ацы факультеты студенттæ сты сомбон ирондзинад рæзгæ фæлтæры зæрдæты чи таудзæнис, уыдон. Цæугæ аз ма ирон филологийы факультеты фæлгæтты фæзынд «актерон аивады» дæсныйад дæр. Факультеты абоны бон, йæ авналæнтæ æмæ бирæ цымыдисон хабæрттæ ЮОГУ ТВ-йы сюжеты.