ХИПУ-йы студенттæ «Сау дзуар»-ы
ХИПУ-йы ирон филологи æмæ РАМП-ы деканаты разамынад æмæ студенттæ фæцæуæг сты нæ бæстæйы рæсугъддæр къуымтæй сæ иумæ — «Сау дзуармæ».
Уыдон дзуары алфæмблай бæстон ныссыгъдæг кодтой æмæ хатынц не ‘мбæстæгтæ æмæ уазджытæм, цæмæй сæ фæстæ бырон æмæ змæстæй ма уадзой.