Коронавирусы рæстæг - культурæмæ æмхицдæр | Дуг. Цаутæ. Адæм

Йæ рæстæджы зындгонд адæймæй чидæр загъта: «Дуне фервæзын кæндзæн рæсугъддзинад». Историйыл куы афæлгæсæм, уæд ацы ныхæстæн бирæ æвдисæнтæ ссарæн ис. Афтæ рауад æмæ 2020 азы дæр адæмы тасы бафтыдта -коронавирус. Дунейы алы бæстæты сфидар кодтой цæрджытæ сæ хæдзæртты куыд бадой, ахæм фæтк. Сæ бон нæу социалон, æхсæнадон æмæ культурон цард кæнын. Фæлæ арæх куыд вæййы, зын рæстæг адæм се ргом фылдæр здахынц æмæ удæнцой исынц аивадæй. Стыр æххуыс сын сты интернет æмæ социалон хызæгтæ. Цы хуызы, ууыл абон нæ ныхас. _ Мы рядом в:
Back to Top