Æппæтадæмон турниры тайаг боксæй Цæгат Ирыстоны командæ бацахста дыккаг бынат

Æппæтадæмон турниры тайаг боксæй Цæгат Ирыстоны командæ бацахста дыккаг бынат. Ерыстæ ацыдысты Абхазы. Уæлахизхæссæг Георгийы номыл кубок рамбулыныл тох кодтой архайджытæ Уæрæсейы 24 регионæй æмæ Абхазийы 3 горæтæй. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы уыд 18 адæймаджы. Æрдæгуæззау хуызы уæлахиздзау сси командæйы капитан Хæситы Тамерлан. Фембæлд дыууæ спортсменимæ Краснодар æмæ Мæскуыйæ. Рамбылдта финалы 2-æм раунды агъоммæ. Сызгъзæрин ма ис Созанаты Аслæнбæг æмæ Роберт Хачикянмæ. Богæлтты цæттæ кодта Верди ТарИев æмæ Геннадий Мартиросов. Тренерты ныхæстæм гæсгæ, ерыстæ арæзт æрцыдысты бæрзонд æмвæзадыл. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top