Кувæндæттæм дæлимоны цæстæй I Дуг. Цаутæ. Адæм
Æрæджы сбæрæг кодтам Тымбылхъæды Дзуары бон. Адæм байхъуыстой бæрнон адæмы сидтмæ къохмæ бирæгæйттæй ма ацæуыны тыххæй. Уымæй сæхи æмæ сæ бинонты бахъахъхъæдтой хæцгæ низæй. Фæлæ Дзуары боныл ныхасы рæстæг æрхъуыды кодтам нæ иннæ кувæн бынæттæ дæр. Растдæр зæгъгæйæ та, æбæрнон цæстæй сæм кæй кæсæм, уый. Кæм дзы къултæ калæм, кæм сæм мидæмæ бырсæм хъæуа-нæ хъæуа, кæм та бынтон нæ цæсгом бахæрæм æмæ дзы чъизи митæ равдисæм. Уыцы сагъæссаг хъуыддæгтыл аныхас кодтам нæ уазджытимæ.
_________________________
Мы