Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон I Ныхасы фæдыл

Æрвылаз дæр Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон йæ кувæндонмæ æрбацæуынц бирæ дзыллæтæ. Лæгты Дзуармæ сæ кувинæгтимæ æмбæлдзысты Ирыстоны æппæт рæттæй дæр: Цæгатæй – Хуссармæ, Хурыскæсæнæй – Хурныгуылæнмæ. Ирон адæм къохмæ цæудзысты рухс зæрдæтимæ, хъæлдзæгæй, йæ хорзæх ын рахæссын æнхъæлæй. Æмæ дзы æдзухдæр райгонд куыд уæм, уыцы хорздзинад нын йæ цæст бауарзæд. Цæмæй нын Бæрзондыл бадæг нæ куывдтытæ иса æмæ йын йæ бон нывыл арвитæм, уый тыххæй та куывддоны æгъдæуттæ халын нæ хъæуы. Цы фæтк дзы уыд, уыдон нын нæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты нæ кадджын хистæртæ. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top